Ирон богал Гæбысты Альберты ног рекорд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны богал сæвæрдта ног æнахуыр рекорд, уый тыххæй хъусын кæны Осетия-Ирыстон.
Тыхон экстримы уарзæг – 51-аздзыд Гæбысты Альберт раласта дыууæ зынгфæдисон автоцистернæйы, сæ уæз 35 тоннæйæ фылдæр. Атлеты уæз у 90 килограммы, афтæмæй йæ бон ссис уæззау уаргъ фезмæлын кæнын 5 метрмæ.
Спортсменæн йæ рекорд сæххæст кæнынæн баххуысс кодтой регионалон УУМ.
Афтæмæй йæ фыццаг æнтыст нæу: ноябры ма ирон богал раласта 20 тонны уæзы трамвай. Уымæй дарддæр ма Альберт у дунейы рекордсмен. Раласта 70 тоннæйы уæз æргъæвæн къран, 145 тоннæйы уæз поезд æмæ 70 тоннæйы хъæрмласæн дæндæгтæй.
Ахæм æвæджиау фæстиуджыты æнтыстыты Гæбысты фыртæн фæахъаз сты йæхи сæрмагонд методикæмæ гæсгæ ахуыртæ.