Стамбулы терракты фæстиуæгæн зианбаййафджыты ᾿хсæн нæй Турчы ирон диаспорæйы минæвæрттæ. Уый тыххæй Sputnik радзырдта Хуссар Ирыстоны ФХМ æххæстбарджын минæвар Турчы Хоситы Бурхан.
"Стамбулы центры номдзыд уынджы иу сылгоймаг йæ чумæданы бомбæ сæвæрдта. Сæвæрдта йæ æмæ йæхæдæг алыгъди. Уый фæстæ бомбæ ныггуыпп кодта", - радзырдта Sputnik ныхасæмбал.
Куыд банысан кодта æххæстбарджын минæвар, афтæмæй срæмыгъды бынаты цур уыдис Албегаты Лейлæйы ирон æмæ кавказаг хæринæгты цæлгæнæн "Ficcin", фæлæ уый нæ бахъыгдард ис.
13 ноябры Стамбулы центры æрцыд срæмыгъд. Уæрæсейаг генералон консулады уагдонад Стамбулы ис, срæмыгъд кæм æрцыд, уыцы уынгыл. Турчы терракты зæрдæхсайгæ сылгоймаджы баурæдтой.
Бæстондæрæй ХИ ФХМ æххæстбарджын минæвар Турчы Хоситы Бурханмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.