ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Турчы ирон диаспорӕ сног кӕндзӕн ӕмгустад Ирыстонимӕ, кӕцы фӕкъуыхцы ис коронавирусы тобӕты фӕстӕ. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕвар Турчы бӕстӕйы Хоситы Бурхан.
"Нӕ ӕхсӕнад ӕрвиты фӕсивӕд Ирыстонмӕ. Ис дзы чи ахуыр кӕны университеты. Ӕрвыл сӕрд цыбыр ӕмгъуыдмӕ 15 лӕппу ӕмӕ чызджы арвитӕм Ирмӕ, уым фембӕлынц ирон фӕсивӕдимӕ ӕмӕ ӕввахсдӕр зонгӕ кӕнынц ӕгъдӕуттимӕ. Ацы практикӕ ныр сног кӕндзыстӕм дыууӕ азы фӕстиаты фӕстӕ. Махӕн нӕ ахастытӕ Ирыстонимӕ ӕнгом куы уой, уӕд Турчы бӕстӕйы дӕр ирондзинад уыдзӕн тыхджын. Ирыстон хъаруджын куы уа, уӕд мах дӕр уыдзыстӕм тыхджындӕр",- радзырдта Хоситы Бурхан.
Ирӕттӕ Турчы зӕхмӕ фӕлыгъдысты иу ӕнусӕй раздӕр, фӕлӕ уӕддӕр уыдонӕн бантыст бахъахъхъӕнын се ᾿взаг, культурӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ.
"Ирон диаспорӕ 30-ӕм азӕй фӕстӕмӕ архайы Турчы бӕстӕйы, хъахъхъӕны ирондзинад, ӕвзаг ӕмӕ культурӕ. Архайы цӕумӕй нӕ кӕстӕртӕ ма рох кӕной сӕ ратӕдзӕнтӕ, кӕрӕдзиимӕ ӕнгом уой. Нӕ бон куыд у, афтӕ архайӕм", - бафтыдта уый.