Дзæуджыхъæуы донифтонгад æмæ донуадзæн системæ баихсыди 83 проценты онг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Цæрæнуатон коммуналон хæздарад, энергетикæ æмæ артаджы министр Тамайты Майран радзырдта, донуадзæн æмæ донифтонгады системæ кæй баихсыди 83 проценты онг. Уый тыххæй хъусын кæны 15-й Регион.
Министр банысан кодта донифтонгадимæ æрлæудтæ фæуыдзысты, дыккаг резервуары арæзтад куы аххæст уа кæронмæ, уæд æмæ бахахх кодта, уыцы арæзтад кæй райдыдта ивгъуыд æнусы 80-æм азты.
Горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Игорь Шаталов бафтыдта, æнæхъæн системæ кæй хъæуы модернизаци кæнын, цæмæй цæрджытæн донæн фидыны тариф фæныллæгдæр уа.
Инспекцион æрзылды хайадисджытæ бабæрæг кодтой Балтайы донæвæрæн, диспетчеры пункт, афтæ ма горæты донуадзæн æмæ донифтонгады хæтæлты хызæджы фехæлдты егъаудæр бынæттæ. Куыд банысан кодтой специалисттæ дон хъары хæтæлтæй, æмæ уый у сæйрагдæр индикатор донифтонгады хызæг кæй у исхсыст