Дзæуджыхъæуы кæцыдæр маршруттыл ацæуыны аргъ схызтис

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 ноя – Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты кæцыдæр маршрутты аргъ схызти 20 сомæй 25 соммæ. Уыдон æхсæн сты 23-æм, 24-æм, 25-æм, 35-æм æмæ иннæтæ. Уый тыххæй радзырдтой ГТРК "Алания".
Маршрутон хæдтулгæты скъæрджытæ ахæм скъуыддзаг æмбарын кæнынц автомобилон хæйттæ æмæ техникон лæггад кæнын, афтæ ма артаджы фæзынаргъæй. Кæцыдыртæ аргъыл схæцыдысты ацæугæ сæрды райдианы.
Куыд радзырдта № 23 маршруты бригадир Татрты Виктор, афтæмæй уый кусын куы райдыдта, уæд цæуыны аргъ уыд æртæ сомы бæрц, фæлæ хæдтулгæйæн йæхи аргъ та - 110 мин сомы.
"Ныр "Газель"-ы аргъ у дыууæ милуанæй фылдæр, æз нал дзурын модернизацигонд верситыл. Уый тыххæй скъæрджытæн сæ бон нæу ранæуæг кæнын сæ траспорт", - загъта уый.