Гæззаты Валерий бахæс кодта Знауыры районы МУ куысты хъæндзинæдтæ аиуварс кæнын

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ сæргълæууæг Гæззаты Валерий ауагъта кусæгон фембæлд, Знауыры районы мидхъуыддæгты уагдонадимæ. Фембæлды рæстæджы равдыста йæ æнæразыдзинад уагдонады службæйон архайды организаци, афтæма сæрмагонд арæзтады дисциплинæйы тыххæй, хъусын кæны барадхъахъхъæнæг органы пресс-службæ.
"Гæззаты Валерий банысан кодта криминалон милицийы оперативон-службæйон архайды хъæндзинæдтæ, - дзырдæуы хъусинаджы.
Мидхъуыддæгты министр бахахх кодта, æнæмæнгæй кæй хъæуы банысангонд хъæндзинæдтæ аиуварс кæнын æмæ оперативон-службæйон архайды сæрмагонд скондæн конкретон фæстиуджытæм хи бацæттæ кæнын.
Афтæ ма æрныхас кодтой Уистайы хъæуы æрвылсуткæйон милицæйы пост рацаразын æнцайæн пунктмæ нысанæмрæсдзинады фарстамæ.