Тиб æмæ Нары ’хсæн æрцыд быцæу. Тиб дзырдтой: "Мах уæздандæр стæм, сымах дæр мах куы ’ркодтам ардæм". Нар дæр дзырдтой: "Мах уæздандæр стæм!" Гъе стæй уыцы быцæу хастой Нармæ.
Тибæй хъуыддаджы фæстæ ацыд лæгтæ Захъамæ æмæ быцæу кæй кодтой, уымæ гæсгæ сæ Нар сæ хидыл цæуын нæ уагътой, нæ хидыл ма цæут, зæгъгæ. Тибы лæгтæн гæнæн куынæуал уыд, уæд доны рахызтысты æмæ загътой: "Фæлæуут, сымах нæ уæ хидыл нæ уадзут? Уæдæ хорз! Мах дæр уæ истæмæй куынæ бахатæм, уæд уæ афтæ нæ ныууадздзыстæм!" Сæ рихитæ баздыхтой Тиб æмæ алы ран хъаст кодтой: "Афтæ æмæ афтæ, сæ хидыл нæ нæ рауагътой Нар, доныл нæ рахизын кодтой".
Сæ хъаст сын, Нар æмæ Тибæн, радтой Джергаты Датъимæ æмæ Томайты Созырыхъомæ, ома уæ уыцы дыууæ лæджы бафидауын кæндзысты. Датъи Тибæй уыди, Созырыхъо та — Нарæй. Тæрхоны лæгтæ, доны чи рахызт æмæ сæ хидыл чи нæ рауагъта, уыдонмæ дæр æрсидтысты æмæ сын загътой: — Ныр кæм æрбадæм, тæрхон кæм кæндзыстæм? — Поты фæзы, — сын загътой.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.