Хъазахстаны президенты æвзæрстыты развæлгъауы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, разæй лæууы Токаев

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik. Хъазахстаны президент Касым-Жомарт Токаев уæлахиз кæны паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ æвзæрстыты 81,31% хъæлæстæ, хъусын кæны централон æвзæрстыты комиссийы сæргълæууæг Нурла Абдиров.
"Касым-Жомарт Токаев – 81,31%", - радзырдта Абдиров ЦÆК рабадты къуырисæры.
Президенты бынатмæ æмгъуыдæй раздæр æвзæрстытæ ацыдысты 20 ноябры.
Алкæй ныхмæ дæр схъæлæс кодтой 5, 80%.
Фермерты ассоциацийы сæргълæууæг Жигули Дайрабаев æртымбыл кодта 3, 42%, æхсæнадон архайæг каракат Абден – 2, 60%, экономист Мейрам Кажыкен – 2, 53%.
Оппозицион Иумæйагæхсæнадон социал-демократон партийы минæвар Нурлан Ауесбаевæн радтой хъæлæстæ 2, 22%, бартæ хъахъхъæнæг Салтанат Турсынбековайæн – 2, 21%.