ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik. Цæгат Иры посты кусæг æнæзакъонæй йæхи бакодта 40 цæрæджы пенситæ, хъусын кæны РЦИ-аланийы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Полицийы кусджытæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй республикæйы Горæтгæрон районы Октябры хъæуы 44-аздзыд почтальон дыууæ мæйы дæргъы мæнг къухфыст арæзта 40 пенсиисæгæн. Зианы суммæ рацыд æрдæг милуан сомы бæрц.
Барадхъахъхъæнджытæ бакодтой уголовон хъуыддаг сылгоймаджы фæдыл.