Дзæуджыхъæуы цыппæрæмы арæнæвæрдтæ сæвæрдзысты транспорты змæлдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 ноя – Sputnik. Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад (МХМ) бафæдзæхста, цыппæрæмы Дзæуджыхъæуы арæнæвæрдтæ кæй сæвæрдзысты автотранспорты змæлдыл Абайты Васо æмæ Павленкойы уынгтыл.
Барадхъахъхъæнæг уагдоны пресс-службæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй арæнæвæрдтæ баст сты тактикон-сæрмагонд ахуыртимæ, цы ран хайад исынц МХМ, Хъахъхъæнынады министрад, Росгварди æмæ УУМ тыхтæ.
Нысангонд æрцыд, ахуырты рæстæджы тыхон структурæты минæвæрттæ кусынц иумæйаг архæйдтытыл сæрмагонд уавæрты æмæ уæлвæткон цауты рæстæджы.
МХМ сиды республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæм, цæмæй æмбаргæ ахаст дарой ацы уавæрмæ æмæ ссарой альтернативон маршруттæ.