ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik. Цæгатирыстойнаг парламентаритæ цыппæрæмы рабадты схъæлæс кодтой, цæмæй вице-спикеры бынатæй ссæрибар кæной республикон закондæттæг органы Совфеды экс-минæвар Фадзайты Арсены. Куыд фехъусын кодтой 15-æм Регион, йæ ацыды тыххæй схъæлæс кодтой депутаттæн сæ фылдæр.
Фадзайты Арсен йæхæдæг банысан кодта, йæ бынатæй ацæуыны фæдыл фидиуæн кæй у баст æвзæрстыты фæстиуджытимæ æнæразыдинадимæ.
Парламенты спикер Тускъаты Таймураз йæхирдыгæй æрсидт паламентаритæм консолидаци æмæ æмгуыстадмæ адæмы хорздзинадæн.
"Æппæт фракциты консолидаци у æнæмæнгхъæуæг, цæмæй республикæйы уавæртæ саразæм. Хъæуы иумæйаг куыст кæнын. Мах хъуамæ сентябры йæ хъуыды чи равдыста, уыцы æвзарджыты скъуыддзагæн аргъ кæнæм", - бахахх кодта уый.