Джæуджыхъæуы райдыдта скрипкæйыл цæгъдджыты фестиваль

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 ноя – Sputnik. Джæуджыхъæуы Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы радыдта скирпкæйы Æхсæзæм æхсæнадæмон фестиваль. Хайад дзы исынц профессионалтæ, номдзыд музыканттæ æмæ иууыл æвзæнгтæ – Мæскуыйы, Джæуджыхъæуы æмæ Уæрæсейы æндæр горæтты скъолатæй.
Куыд радзырдта Мæскуыйы паддзахадон консерваторийы дирижер æмæ амонæг, Константин Маслюк, афтæмæй Дзæуджыхъæуы скрипкæйы музыкæйы фестивальты хайад исы йæ фыццаг бонæй фæстæмæ æмæ иу хат дæр нæ рауагъта мадзал.

"Алы аз дæр ацы скрипкæйы фестивалы вæййы камерон музыкæ дæр. Ацы аз айзæлдзысты Бетховены æртæ скрипкæйы сонатæ, афтæ ма номдзыд "Крейцеры сонатæ". Фестиваль "монографион изæр"-ы хуызы кæй цæудзæн, уый мидæг ис йæ сæрмагонддзинад", - фехъусын кодта дирижер.

Фестиваль уагъд æрцыд горæт Дзæуджыхъæуы бынæттон Администрацийы фæткдаруат, культурæйы фæткдаруат æмæ П.И Чайковскийы номыл Сывæллæтты музыкалон скъола №1 æмархайдæй.