Хуссар Иры премьер бахæс кодта фæтагъддæр кæнын куысты темптæ Инвестпрограммæйы объекттыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Джуссойты Константин бахæс кодта рационалон æгъдауæй пайда кæнын сæрмагонд техникæйæ æмæ фæтагъддæр кæнын куыстыты темптæ Инвестпрограммæйы объекттыл.
Уый тыххæй хицауады сæрдар фехъусын кодта 2020-2022 азты инвестицион программæйы реализацимæ хъусдарды фæдыл штабы рабадтыл.
"Цæмæй æнтыстджынæй фæуæм ныры Инвестпрограммæ, уый тыххæй хъæуы фæтагъддæр кæнын куыстыты темптæ, æмæ рæстæгыл бацæттæ кæнын æмбæлон документаци", - загъта Джуссойты Константин.
Рабадты рæстæджы республикæйы арæзтады министр Зæгъойты Эдуард банысан кодта, Инвестпрограммæйы объектты арæзтад кæй цæуы æнæ фæстиатæй.
Афтæ ма хицауады сæрдарæн хыгъдлæвæрд радтой, кæй ссардтой техникон скъуыддзаг газы хъармгæнæн системæ сæвæрынæн сывæллæтты лагеры Дзауы районы.