Мадæлдзинад – бæрнон куыст: Гаглойты Алан раарфæ кодта Хуссар Иры мæдтæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта республикæйы сылгоймæгтæн Мады боны цытæн, хъусын кæны майрæмбоны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
"Мад алыхатт дæр немæ вæййы, æххуыс нын кæны сфæразын зындзинæдтæ, æмæ мах та зонæм, кæй ис хæларзæрдæ, кæцы цæттæ у æххуыс кæнын æмæ баздахын раст фæндагмæ", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, мадæлдзинад у æрмæст стыр лæвар нæ, фæлæ ма бæрнон куыст дæр. Президент бузныг загъта Хуссар Ирыстоны мæдтæн сæ хайбавæрды тыххæй бинонты хæзнатæ фидар кæнынмæ æмæ бæстæйы аккаг æмбæстæгты хъомыладмæ.