Ирон фысджытæ. Цæгæраты Гиго

Sputnik
"Мæнæн мæ буц бæстæ – мæ мад" – ахæм хъуыдыйыл хæст уыд йæ царды бонты зынгæ поэт æмæ тæлмацгæнæг Цæгæраты Гиго.
Гиго уыд, фæсхæсты азты ирон советон литературæмæ цы курдиатджын фæлтæр æрбацыд, уыдоны зынгæдæртæй иу.
Ирыстон æмæ нæ чиныгкæсджытæн уарзон у Гигойы ном. Къоста цæйау загъта: "Йæ дзыхы дзырд æнæ рæдыд, ныццæвы зæрдæйы кæрон" - афтæ зæлланг кæнынц поэты æмдзæвгæтæ нæ хъæуты, нæ кæмтты, нæ сахарты.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.