Дзæуджыхъæуы наркотиктæ уæйгæнæджы Мæскуыйæ 20 азмæ бакæндзысты ахæстоны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны УФ Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) Наркотиктæм хъусдарды дæлхайады кусджытæ æрурæдтой Дзæуджыхъæуы наркотикон буарады уæйгæнæджы Мæскуыйæ.
МХМ пресс-службæйы информацимæ гæсгæ, Астæукаг Азийæ рацæуæг уый размæ дæр уыд тæрхонгонд, ныр йæ нывæзты уыдис метадоны стыр парти апарахат кæнын бавæрæнты руаджы. Цалынмæ йæ æрцахстой, уæдмæ сарæзта дыууæ сусæг æвæрæны наркотиктимæ. Сæрмагонд басгæрсты рæстæджы йæм ссардæуыд ноджы æхсæз тыхтоны тобæгонд буарадимæ.
Фыдгæнæгæй цы синтетикон наркотик ист æрцыд, уымæн йæ иумæйаг массæ уыд нымад 50 иугай дозæйыл.
Накотиктæ уæйгæнæг у ахст. Æнхъæлмæ йæм кæсы 20 азы ахæст, æнæзакъонæй наркотикон буарад кæй уæй кодта стыр бæрцæй, уый фæдыл.