13. ИУАНЕ ÆМÆ САУДЖЫНТЫ ЦЫТÆН КУЫВД

Sputnik
Куывд дзæвгар ахаста. Ныхас кодтой, сæ куывдтыты сæ зæрдæйы сагъæстæ дзырдтой, фæлæ сæ тыппыртæ нæма суагътой. Иуане йæ нæ хатыд, фæлæ цалынмæ сауджынтæ фынгтыл бадтысты, уæдмæ адæммæ афтæ каст, цыма сæм исчи сусæгæй хъусы, æмæ сæ зæрдæбын ныхас не ’ргом кодтой. Сауджынтæ дæр сæ пæлæзты бадтысты фынджы сæр Иуанейы алыварс, дыууæ сынты холыйыл куыд багуыбыр уой, уыйау, æмæ æнцад хордтой. Иронау гæзæмæ зыдта сæ иу, иннæ æппындæр не ’мбæрста, æмæ уыдон дæр тыхстысты.
Сæхи куы бафсæстой хæрд æмæ нозтæй, — уæлдай адджындæрæн нуæзтой бæгæны æмæ дзы кæрæдзи хъусы æппæлыдысты, — уæд ма чысыл абадтысты уæздандзинады охыл, стæй, æрæнцайæм, зæгъгæ, сæхи ракуырдтой хистæртæй æмæ сæ хуыссæнуатмæ аивгъуыдтой. Къæсæры цур ма сын фæйнæ дзæбидыры бæгæны æмæ фæйнæ сыкъайы арахъхъ куы адардтой, уæд та уæлдай бузныг фесты æмæ сæ иуы зарын дæр æрфæндыд, фæлæ йæ пæлæзæй фефсæрмы æмæ йæхиуыл ныххæцыд.
Сауджынты ацыдæй куывды адæм бæрæг фæхъæлдзæгдæр сты, зæрдæбын ныхас æмæ кæрæдзимæ хатын райдыдтой, фæлæ нуазынмæ йæ хъус ничиуал дардта, фæндыд сæ сæ уазæгмæ байхъусын. Нуæзт кæдæм ирвæзы, фæлæ уазæг сом аивгъуыйдзæн æмæ ма искуы æрбафтдзæн, цы бæрæг ис. Хистæр, Къæбысты Дзотæ, æмбæрста адæмы равг æмæ схуыфыди, арахъхъы сыкъа æмæ дзæбидыр райста. Бадты адæм фæхъус сты, æмæ Дзотæ ракуывта:
— Мæ хорз комбæстæ! Абон нын стыр цины бон æмæ стыр зондзонæн бон у. Иуане нæм, хуыцауы уазæгау, фондз азы иу хатт æрбафты, науæд та дæс азы дæр, æмæ йæм нæ цæстытæ ныуурс вæййынц.
Ацы хæхты цъассы цæрæм æмæ йыл цы мыд ныччындæуыд, нæ зонын... Кæм цы тыхгæнæг æмæ абырæг ис, уыдон æм сæхи æппарынц, фæлæ йæм зонд æмæ рухсы лæг, искуы арвы дуар гомæй куы фенай, уыйау стæм хатт фендзынæ æрæфтгæ.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.