Цæгат Иры фæзынд Уырыссаг абеты аллей

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik. Цæгатирыстойнаг Мæздæджы Уæлахизы парчы скъоладзаутæ ныссагътой кæрзы талатæ, кæцыты раз сæвæрдтой фæйнæджытæ алфавиты дамгъæтимæ. Уый тыххæй хъусын кæны 15-æм Регион.
Акцийы хайадисæг Елена Шушкарина куыд радзырдта, афтæмæй уыдон равзæрстой сæ мыггаджы дамгъæ æмæ ныссагътой бæлас.
"Диссаджы улæфæн бынат дзы ис ам – къох, стадион, ныр та дзы уыдзæн Уырыссаг абеты аллей дæр", - загъта уый.
Талатæ ныссадзыны хъæппæрис бахастой æнæкоммерцион организаци "Русь"-ы Мæздæджы хайады минæвæрттæ. Акцийы фарс балæууыдысты Андроповы номыл 108-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ.
Мадзал ауагътой Æппæтуæрæсейон æхсæнадæмон акци "Тоталон диктант"-ы фæлгæтты, кæцы 8 апрелы Мæздæджы уагъд цæудзæн фæндзæм хатт.