Цхинвал-Ленингор трассæйыл хæдтулгæ ныццавта хъуджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik. Цхинвал-Ленингор фæндаджы фадыгыл знон изæр æрцыд фæндагон-транспортон цау (ФТЦ), кæцыйы аххосаг уыд хæдзарон фос.
Республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) куыд фехъусын кодтой, афтæмæй фæндагон цау æрцыд 21.16 сахатыл. Уагдоны банысан кодтой, Toyota Land Cruiser Prado хæдтулгæйы шофыр кæй ныццавта хъуджы, уый фæстæ та ныххаудта къанауы.
Цауы бынатмæ ацыдысты ирвæзынгæнджытæ.
УУМ банысан кодтой, аварийы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ кæй нæй.