ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik. Украинæйы Гарзджын тыхтæ (УГТ) фæнд кодтой размæбырст сæххæст кæнын Луганскы Адæмон Республикæйы (ЛАР) горæт Сватойы ‘рдæм, хъусын кæны РИА Новости ЛАР Адæмон милицийы офицер Андрей Марочкойы ныхæстыл æнцойгæнгæйæ.
"Украинæйы Гарзджын тыхтæ фæд кæнынц райдайын размæбырстон архæйдтытæ цæрæн пункт Сватовойы районы. Ивгъуыд суткæйы дæргъы знаджы цалдæр ротон-тактикон къорды фæнд кодтой батонын нæ хъахъхъæнынады лини æртæ здæхты уылты. Атакæтæ иууылдæр фæстæмæ аппæрстам", - радзырдта Марочко.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.