Уæрæсейы Федерацийы Нымайæн палатæйы сæргълæууæг бадæтта отставкæмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 ноя – Sputnik. Алексей Кудрин фехъусын кодта йæ отставкæйы тыххæй. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости Уæрæсейы Нымайæн палатæйы сæргълæууæджы Telegram-каналыл æнцойгæнгæйæ.
Куырдиат бадæттой Владимир Путинмæ фæткмæ гæсгæ. Нысангонд æрцыд, президенты уынаффæ Алексей Кудрины йæ бынатæй ссæрибар кæныны фæдыл ныридæгæн æрбацыд. Рауагъдады информацимæ гæсгæ, сенатортæ æркæсдзысты отставкæйы фарстмæ 30 ноябры.
Уæрæсейы Нымайæн палатæйы раздæры сæргълæууæг нывæнды рахизын "Яндекс"-мæ, хъусын кæны РИА Новостийы ратæдзæн.