17. ФЫДБЫЛЫЗ

Sputnik
Дзæрæх кафын кодта лæппуты радыгай, уæлдай хъулон ми никæмæн кодта. Иуæй-иутæ йын нæ куымдтой, чи йæ дарæсы дæрдджынæй æфсæрмы кодта, чи, рæстмæ кæй нæ арæхсы, уымæй, фæлæ дзы радгæс никæй ныууагъта, кæй лæгъстæйæ, кæй тыхæй, фæлæ сæ кафын кодта.
Рад æрхæццæ Хъырыммæ. Уый та цæуылдæр тæргайгондæй лæууыд, æмдзæгъд кодта, фæлæ хъырнгæ дæр нæ, кафгæ дæр.
— Æтт, ме ’фсымæры къуындзих, дæ кафт! — йæ разы сæмдзæгъд кодта Дзæрæх, йæ ехс йæ дæлармы даргæйæ. Хъырым алы дзырд тæлммæ иста, Дзæццийы куы ныццавта, уæдæй фæстæмæ. Фидисы хуызæн æм фæзынд Дзæрæхы ныхас дæр, фæлæ йæхиуыл ныххæцыд.
— Æз нæ кафын, мæнæ иннæтæй искæй ракафын кæ, — тызмæгæй дзуры Хъырым.
— Ракаф дын зæгъын, дæхи ма ныууæздан кæ, иннæты уæлдай мын уæлбикъон дæ?! — нæ йын айста йе ’фсон Дзæрæх æмæ йын йæ цонгыл барджыны хæст ракодта.
— Дæ къухтæ дæхимæ дар! — атъæпп ын кодта йæ къух Хъырым æмæ йæм æнæуынон цæстæй бакаст.
— Цы кæныс, цы, Хъыргъы, иннæтæ куы кафынц, уæд дын маймулитæ сты! — бамæстыгонд Дзæрæх æмæ та йын йæ цонг райвæзта. Хъырым ын йæ цонг тымбылкъухæй йæ тых-йæ бонæй æртъæпп кодта:
— Дæ чъизи къух иуварс! — ныссырх, афтæмæй фæхъæр кодта Хъырым.
Фæрыст Дзæрæхæн йæ цонджы ’лхуый, ахъавыд, ехсæй йыл ралæууа дзæхст-дзæхст, æмæ уазæг лæппутæй фефсæрмы. Хæстæг æм балæууыд мæстыйæ:
— Фесæф ардыгæй, куыдз цыдæр, хъазын дæр куынæ зоныс æмæ дзурын дæр!
— Дæ дзыхыл кæд не ’рхæцай, уæд дын æй къæбуты ’рдæм фездахдзынæн! — баулæфыд ыл Хъырым.
Лæппутæ сыл амбырд сты æмæ Дзæрæхмæ дæр худинаг æркаст æфхæрд ныббарын.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.