"Уый у нæ иумæйаг зиан". Меняйло тæфæрфæс ракодта Марина Дучкойы мæлæты тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло тæфæрфæс ракодта Марина Дучкойы хæстæджытæн. Марина Дучко уыдис Беслæны скъолайы амынæты æмæ 18 азы тох кодта уыцы теракты фæстиуджытимæ.
Меняйло бахахх кодта, алчидæр кæй æххуыс кодта Маринæйæн, "ныфс сæ уыд æмæ йын цы хос кæнынц, уый йын йæ æнæниздзинад фæфидар кæндзæн".

"Зонын æй æнæхъæн республикæйæн йæ зæрдæ кæй рыст уый тыххæй! Хъыгыгæн, ацы уавæры мах разындыстæм æдых…", - ныффыста Меняйло йæ Telegram-каналы.