19.КУАДЗÆНЫ БЕРКЪА

Sputnik
Æрцыдис зымæг. Стыр мит ныууарыд æмæ Чеселты адæм хъæуæй-хъæумæ ацæуынмæ дæр зивæг кодтой. Æнкъард, иухуызон бонтæ æмæ æхсæвтæ ныддаргъ сты. Алчи йæ фосмæ зылди, йæ зымæджы къæбæр хордта æмæ æнхъæлмæ каст уалдзæджы æрцыдмæ. Æмбисондæн баззад даргъ хæххон зымæг. Кæд искуы зæй æрцæуа æмæ искæй фæласа, уæд уый — иууыл стырдæр хабар. Кæд искуы бæрæгбонты адæм кæрæдзимæ бауайой, сæ бæрæгбоны къæбæр æмæ нозтæй кæрæдзи фæхынцой, уæд уый — се стырдæр иумæйаг цин.
Тутыры бонтæ ралæууыдысты. Бон фæдаргъдæр. Хур дзæбæх æрæндæвта. Адæм сæ фос кæртытæм, хуры хъарммæ уадзын байдыдтой. Фæсивæд æмбырдтæ кодтой искуы хурварс, искæй дæлбазыр æмæ, "тутыр гуыппæй у", зæгъгæ, хъазыдысты, сæхи ирхæфстой.
Иу ахæм хъарм бон Хъолайы мæсыджы цур æрæмбырд сты лæппутæ æмæ хъазыдысты "тутыры гуыппæй". Солтан уым фæци æмæ сын афтæ бакодта:
— Æз фарон иу хъазт федтон Уанелы. Асдæр лæгтыл хæлттæ сæппарынц æмæ кæй рад схауа, уый паддзах свæййы. Саразынц æй æмæ йæ дзоныгъыл фæсивæд ралас-балас кæнынц хъалонисæг. Кæмæй цы ’рдома, уый хъуамæ радта æмæ стæй паддзах йæ фæсдзæуинты фæхона, куывд сын скæна. Кæд нæ фæразы кæны, уæд æй доны ныррæцугъынц — нæ паддзахы, дам, раппарæм!
— Уый куадзæны беркъайау куы у. Ахъазæм мах дæр, — сразы Хъæндил.
Рагæй нал аирхæфста йæхи. Нал зарын цыди Дзæрæхы мæлæты фæстæ Хъолайæ, нал дзы кафт уыди. Йæ зæрдæмæ кæсынæй сфæлмæцыди Хъæндил æмæ йæм ныр хорз фæкаст хъæубæсты истæмæй бахъæлдзæг кæнын.
— Гъæй, лæппутæ, æз паддзах уæвыныл — разы! Цыфæнды мæ куы ’ппарат, уæддæр иу бон райсомæй сихорафонмæ паддзах фæу, уый мæнæ нæй. Науæд æнхъæлмæ кæс, цалынмæ дын уырысы паддзах йæ бандон æфстау авæра.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.