Хуссар Ирыстоны 4 декабры бакæндзысты II Уæрæсейаг-ирон форум

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 4 декабры райдайдзæн II Уæрæсейаг-ирон форум. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта республикæйы фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентина.
Форумы хайад райдзысты Луганск æмæ Донецкы Адæмон Республикæты, Абхаз æмæ Цæгат Ирыстонæй фæсивæд. Цæудзæн æртæ боны дæргъы, программæ уыдзæн цымыдисон æмæ алыхуызон.
Форумы арæнæвæрдты ацæудзысты дыууæ тымбыл фынджы фæсивæдон политикæйы актуалон проблемæтыл.
Хайадисджытæ ралæудзысты докладтимæ, равдисдзысты, сæ хъуыды куыд уынынц республикæйы фæсивæдон политикæ æмæ райрæзты фæдыл.