Хуссар Ирыстоны хистæркъласонты бафæдзæхстой, фæткхæлдты тыххæй дзуапп кæй æрдомдзысты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik. "Сывæллæтты уаты" инспектортæ ауагътой фембæлд иу цхинвайлаг скъолайы хистæркъласонтимæ. Радзырдтой сын уголовон æмæ административон бæрны кары тыххæй, фехъусын кодтой республикæйы МХМ пресс-службæйы.
Скъола "Эрудит"-ы фембæлды рæстæджы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл фадыджы сæргълæууæг Гататы Лали радзырдта хистæркъласонтæн, цавæр дзуапп ратдзысты фæткхæлдты фæстиуæгæн.
Инспектор зæрдыл æрлæууын кодта алы раконды фæстиуджыты тыххæй дæр, æмæ æрсидт, цæмæй хъуыды кæной алы къахдзæфыл дæр.
МХМ банысан кодтой, ахæм фембæлдтæ кæй сты здæхт æнахъомты ᾿хсæн фæткхæлдтæ ма æруадзынмæ.