Уæрæсейаг æфсæддонтæ штурм кæнынц УГТ позицитæ Угледары бын æнæпилотон хæдтæхджытæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik.Угледары ᾿рдыгæй украинæйаг позициты æнæпилотон хæдтæхджытæй штурм скодтой. Кадртæ публикацигонд æрцыдысты РИА Новости.
Видеойы зыны æнæпилотон хæлтæхæджы оператор куыд æппары гранатæ ныхмæлæууæджы позицитæм.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты. УФ презимдент Владимир Путин куыд бахахх кодта йæ нысан у "аст азы дæргъы кæй æфхæрдтой, геноцидæй удхарæй кæй мардтой, уыцы адæмы бахъахъхъæнын".