Дзауы районон центр сфӕлынддзысты назтӕ, уардитӕ ӕмӕ дидинтӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы администраци срӕвдз кодта зӕлдфӕлындӕн куыст районы центр ӕмӕ улӕфӕн зонӕты, сагъд цӕуынц нӕзы бӕлӕстӕ ӕмӕ уардитӕ. Уый тыххӕй Sputnik радзырдтой районы администрацийы пресс-службӕйы.
"Ӕрластам уал 22 быны нӕзытӕ, уыдон сагъд ӕрцыдысты Дзауы администрацийы бӕстыхайы раз ӕмӕ астӕуккаг скъолайы кӕрты", - загъта пресс-секретарь Тедеты Лиана.
Районон центр ӕмӕ улӕфӕн зонӕты хӕрзарӕзтад адарддӕр уыдзӕн рагуалдзӕджы.
"Уалдзӕгмӕ ӕрласдзыстӕм уардийы талатӕ ӕмӕ дининты бынтӕ. Уыдон хӕрзарӕзтады хайады кусджытӕ садздзысты районы центры, стӕй ма суары донгуырӕны цур цы улӕфӕн зонӕ арӕзт ӕрцыд, уым дӕр. Центр хъуамӕ динин кала",- бафтыдта уый.
Дзауы районон центр сфӕлынддзысты назтӕ, уардитӕ ӕмӕ дидинтӕй