Гаглойты Алан раарфæ кодта банчы фадыджы кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Майрæмбоны Хуссар Ирыстоны президент ауагъта фембæлд банчы системæйы кусджытимæ. Мадзалы хайад райстой республикæйы Националон банк æмæ Сбербанчы кусджытæ.

"Бузныг уын, нæ æмбæстæгтæн ахæм стыр æххуыс кæй кæнут. Фæнды мæ сæрмагондæй бузныг зæгъын лотереяйы тыххæй. Уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн уын арфæ кæнын, фарн æмæ хорздзинад уæ бинонтæн, афтæ ма мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уын уæ профессионалон архайды æнтыстытæ уа", - загъта республикæйы сæгълæууæг.

Гаглойты Алан раарфæ кодта банчы фадыджы кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн
Нацбанчы сæрдар Джиоты Жанна бузныджы ныхæстæ загъта президентæн йæ æрхъуыдыдзинады тыххæй, æмæ бахахх кодта банчы фадыджы кусджытæ дарддæр дæр кæй æвдисдзысты бæрзонд профессионалондзинад сæ куысты.
Фембæлды кæроны Гаглойты Алан схорзæхджын кодта банчы кусджыты цытджын майдантæ æмæ æвдисæнгæххæттытæй.
Гаглойты Алан раарфæ кодта банчы фадыджы кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн