Хуссар Ирыстоны æфсæддонтæн райдыдта ахуырты зымæгон период

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады ацыд цытджын ралæуд националон Гарзджын тыхты ахуырты зымæгон периоды номыл. Уый тыххæй фехъусын кодтой хъахъхъæнынады уагдоны пресс-службæйы.
Хъахъхъæнынады министрады кусджыты раз фæндагæрфæйон ныхасимæ ралæууыд уагданы сæргълæууæг Марат Павлов. Уый банысн кодта, националон æфсад кæй ис динамикон райрæзты æмæ бузныг загъта æсæддонтæн аккаг службæйы тыххæй.

"Алкæмæн дæр нæ йæ нысан у Гарзджын тыхтæ хæстон æмæ мобилизацион цæттæдзинадæн ахъаз фæуын, цæттæ уын паддзахад хъахъхъæнын, профессионалон æмвæзад æмæ æфсæддон службæйы престиж уæлдæр кæнын, пъагонтæ дарæг адæймаджы социалон æдасдзинадæн ахъаз уын", - загъта уагдоны сæргълæууæг сæргълæууæг.

Павлов бахахх кодта, æрмæст иумæйаг тыхтæй кæй бантысдзæн æфсæддон службæйы авторитет фæуæлдæр кæнын æмæ равзаргæ профессийæ сæрыстыр уын.
Мадзалы рæстæджы ауагъдæуыд кусджыты ралæуды фæлгаст. Æфсæддон дæлфадгуытæ ацыдысты цытджын маршæй æмæ æрæвнæлдтой ахуырмæ.