Алчевскы æхстыты фæстиуæгæн фæзиан фараст адæймаджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik. Адæмон милицийы минæвар Андрей Марочко фехъусын кодта, Луганскы Адæмон Республикæйы Алчевскы æхстыты фæстиуæгæн зиæнтты нымæц кæй схызтис фарастмæ.

"11 сахаты уавæрмæ æмбæстæгты ᾿хсæн Алчевскы æхстыты фæстиуæгæн зиæнтты нымæц схызтис фараст адæймагмæ. Сгарæн-ирвæзæн куыстытæ дарддæр кæнынц", - ныффыста Андрей Марочко йæ Telegram-каналы.

Раздæр ЛАР минæварад Украинæйы æфсæддон фыдракæндты фæдыл контроль æмæ фарстытæ координаци кæныны Иумæйаг центры фехъусын кодтой, украинаг æфсæдтæ кæй рауагътой Алчевскыл æхсæз ракетæйы HIMARS. ЛАР хицауад раздæр хъусын кодтой, фехстыты фæстиуæгæн кæй фæзиан æртæ адæймаджы, 15 – æфхæрд баййæфтой.