ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik. Республикæйы территорийыл ивгъуыд къуыри регистрацигонд æрцыд дыууæ фыдракæнды, кæцытæ раргом кодтой мидхъуыддæгты органтæ, хъусын кæны Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.
Иу къуыримæ республикæйы фæндæгтыл æрцыд 6 фæндагон-транспортон цауы, авариты фæстиуæгæн 2 адæймаджы бакодтой Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ, банысан кодтой уагдоны.
"Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 230 фæткхалды. Авд шофыры скъæрдтой автотранспорт нозтджынæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Афтæ ма æхсæнадон фæтк фехалны тыххæй Цхинвалы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ æрурæдтой цыппар адæймаджы.