Хуссар Иры фӕбӕрӕг сты Плиты Иссӕйы номыл турниры уӕлахиздзау ӕмӕ призертӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры столицӕйы кӕронмӕ бахӕццӕ номдзыд инӕлар, Советон цӕдисы дыууӕ хатты хъайтар, Монголаг республикӕйы хъайтар Плиты Иссӕйы номыл турнир шашкитӕй.
Ерысты хайад райстой иууыл тыхджындӕр хъазджытӕ республикӕйы районтӕй, Уӕлдӕр спортивон дӕсныйады скъолайӕ ӕмӕ ветеранты цӕдисӕй.
Фӕйнӕгыл, интеллектуалон тохы фӕстиуӕгӕн турниры уӕлахиздзау ссис Цхинвалы районы минӕвар Тедеты Николай, дыккаг бынатыл ацыд Знауыры районы хъазӕг Плиты Хазби, ӕртыккаг призер та ссис столицӕйы шашист Лалыты Павел.

"Мах фӕхуыдтам фӕйнӕ дыууӕ тыхджындӕр хъазӕджы районтӕй, нӕ турниры архайджыты нымӕцы ис фыццаг къӕпхӕны хицӕуттӕ ӕмӕ спорты мастермӕ кандидатты ӕмвӕзадыл чи хъазы, ахӕмтӕ", - загъта Sputnik Федерацийы хистӕр Лолоты Борис.

Хуссар Иры фӕбӕрӕг сты Плиты Иссӕйы номыл турниры уӕлахиздзау ӕмӕ призертӕ
Плиты Иссӕйы номыл турнир ныр цӕуы ӕхсӕзӕм аз, дыууӕ азы ныффӕстиад ис пандемийы аххосӕй.
"Турнир нырӕй фӕстӕмæ цӕудзӕн ӕрвылаз. Уымӕй мах кад кӕнӕм ӕрмӕст нӕ номдзыд инӕларӕн нӕ, фӕлӕ ма Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы цы хӕстонтӕ архайынц, уыдонӕн. Уадз ӕмӕ нӕм ӕрыздӕхой сӕрӕгасӕй ӕмӕ, Иссӕйау - кадимӕ", - бафтыдта уый.
Плиты Иссӕйы номыл ӕппӕтреспубликон турнир сарæзта Хуссар Ирыстоны шашкиты Федераци, Спорты комитет ӕмӕ Уӕлдӕр спортивон дӕсныйады скъола.
Хуссар Иры фӕбӕрӕг сты Плиты Иссӕйы номыл турниры уӕлахиздзау ӕмӕ призертӕ