Цхинвалы ацӕудзӕн Нывгӕнджыты цӕдисы равдыст ӕхсӕнадӕмон бӕрӕгбонмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Нывгӕнӕджы ӕхсӕнадӕмон бонмӕ Цхинвалы фыццаг хатт ацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны Нывгӕнджыты цӕдисы равдыст, фехъусын кодта Sputnik цӕдисы сӕрдар Битеты Алан.
Баконд нысангонд у цыппӕрӕммӕ.
"Ныридӕгӕн равдыст цӕттӕ цӕуы. Цӕдисы уӕнгтӕй алкӕмӕндӕр бар ис бавдисын дыууӕ-ӕртӕ куысты. Иунӕг домӕн сӕм ис, цӕмӕй уой ног фыст", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг хатт нысан кӕнынц Нывгӕнджыты бон равдыстӕй, фӕлӕ стӕй уый суыдзӕн хорз традици.
"Цӕдисы уӕнгты куыстыты равдыст ацӕудзӕн цӕдисы равдыстадон залы. Уый суыдзӕн дыккаг мадзал йӕ рацарӕзты фӕстӕ", - бафтыдта уый.