Гаглойты Алан схорзæхджын кодта парламенты аппараты кусджыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан схорзæхджын кодта паддзахадон хæрзиуджытæй парламенты аппараты кусджыты, фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Церемони сбастой парламент сæвзæрыны 32 афæдзыбонимæ. Паддзахады сæргълæуæг раарфæ кодта депутатон корпусæн æмæ хайадисджытæн алкæмæндæр. Президент бахахх кодта, закъондæттæг органы арæзтад кæй цыд паддзахадæн йæ иууыл вазыгджындæр рæстæджы.
Гаглойты Алан схорзæхджын кодта парламенты аппараты кусджыты

"Уæлдай патриотизм æмæ æмбæстæгадон хъæбатырдзинад равдыстой парламенты I æрсидты депутаттæ, райстой сæхимæ стыр бæрндзинад Хуссар Ирыстоны адæмы фидæны тыххæй. Уыдонæн сæ политикон æрхъуыдыдзинад æмæ фидардзинады фæрцы дæр мах абон нымад æрцыдыстæм хæдбар паддзахадыл", - загъта Гаглойты Алан.

Президент банысан кодта, парламенты архайды азты дæргъы депутаттæй кæй уыд арæзт æмæ ист æнæмæнгхъæуæг закъонтæ æмæ нормативон-барадон акттæ, кæцыты фæрцы арæзт æрцыд фидар бындур паддзахады дарддæры райрæзтæн.
Гаглойты Алан схорзæхджын кодта парламенты аппараты кусджыты