Ирон спортсментæ рамбылдтой 10 хорзæхы Æппæтуæрæсейаг турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 дек - Sputnik. Цæгат Ирыстоны хъæбысæйхæцджытæ рамбылдтой дæс майданы Æппæтуæрæсейаг турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй Петр Юмшановы хæрзиуджытыл. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы спорты министрады пресс-службæ.
Сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Джиоты Саламат, Багаты Арслан, Джыгкайты Тамик, Бестауты Андрей.
Къизинты Дзамбулат æмæ Сечъынаты Георгий ссисты æвзист призертæ.
Бронзæйон хорзæхты хицæуттæ баисты Бадтиаты Алик, Кцойты Алихан, Коцойты Тамерлан æмæ Къæбысты Дэвид.
IV Æппæтуæрæсейаг турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй Петр Юшмановы хæрзиуджытыл ацыд 6-8 декабры Намскы улусы Республикæ Саха-Якутияйы. Турниры хайад райстой 100 спортсменæй фылдæр Уæрæсейы 17 регионæй.