Хуссар Иры Боксы скъолайы минӕвӕр райста спорты мастермӕ кандидаты ном Цӕцӕны турниры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Боксы скъолайы ӕртыккаг минӕвар Тыбылты Алыксандр райста спорты мастермӕ кандидаты ном. Бӕрзонд ном йӕ къухы бафтыд Цӕцӕны турниры уӕлахизы фӕстӕ, цы ран уый рамбылдта ӕртӕ тохы. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта Боксы скъолайы директоры хӕдивӕг Кокойты Ирбег.
"Ныр Тыбылты Алыксандр ссис не скъолайы архайгӕ боксертӕй ӕртыккаг, кӕцыйӕн ис спорты мастермӕ кандидаты ном. Уымӕй размӕ ахӕм ӕнтыстытӕ сӕ къухты бафтыд Гӕджиты Гурам ӕмӕ Коцты Артурӕн", - загъта Кокойты Ирбег.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Тыбылты Алыксандр у ӕгъдауджын лӕппу ӕмӕ арӕхстджын боксер. Цӕуы ӕрвылбон Цхинвалмӕ тренировкӕтӕм Дзауӕй.
"2023 азы мӕ фӕнды рамбулын Уӕрӕсейы фыццагад. Мӕ тренер Куымӕридтаты Родионимӕ кусӕм. Мӕ фидӕн ӕз бӕттын боксимӕ",- радзырдта Sputnik йӕхӕдӕг боксер.
Хуссар Иры Боксы скъолайы минӕвӕр райста спорты мастермӕ кандидаты ном Цӕцӕны турниры