9 декабры 1990 азы æппæтадæмон хъæлæскæнынадæй бæрæггонд æрцыд Уæлдæр Советы арæзт – Хуссар Ирыстоны фыццаг парламент.
Фыццаг æрсидты депутаттæ куыстой республикæйы иууыл зындæр рæстæджыты, фæлæ сæрмагондæй уыдон сæвæрдтой Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады бындур. Абоны бон закъоны арæзтадыл архайынц æвдæм æрсидты депутаттæ.
Бæстондæрæй Хуссар Ирыстоны парламентаризмы тыххæй кæсут Sputnik видеойы.