УУМ кусджытæ сликвидаци кодтой Ленингоры районы администрацийы зынгсирвæзт

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы администрацийы электроэнергийы хынцæг аппараты зынгсирвæзт ликвидацигонд æрцыд. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы УУМ пресс-службæ.

"Майрæмбоны 09.54 РХИ Уæлвæткон уавæрты министрады фæткдартуаты Центрмæ фехъусын кодтой Ленингоры районы электрон хынцæг кæй ссыгъди, уый тыххæй", - дзырдæуы хъусинаджы.

Куыд бафтыдтой уагдоны, афтæмæй зынгсирвæзты ахуыссын кæныны хъуыддаджы хайад иста иу зынгфæдисон къорд.