ЦХИНВАЛ, 12 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ахицӕн XIII-ӕм командон турнир шахматтӕй зынгӕ ӕхсӕнадон архайӕг, ирон энциклопедийы "Осетия и осетины" -йы автор, "Нарты фӕткъуыйы" премийы лауреат Челехсаты Хъазыбеджы номыл.
Ерысты архайдтой фараст командӕйы Хуссар Ирыстон, Цӕгат Ирыстон ӕмӕ цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕйӕ.
В Южной Осетии завершился турнир по шахматам
© Photo
"Иухуызон хатдзӕгтимӕ ерыстӕ ахицӕн сты Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ ХИПУ-йы фыццаг командӕтӕн. Уӕлахидзау ссис уазӕг командӕ. Ӕртыккаг призер та у ХИПУ-йы дыккаг къорд", - загъта Sputnik турниры организацион комитеты хистӕр Санахъоты Сослан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, турниры архайдтой тынг тыхджын шахматистты сконд, уӕлдай дӕр та ӕрыгӕттӕ.
Ирон энциклопедийы "Осетия и осетины" -йы автор Челехсаты Хъазбеджы номыл турнир цӕуы 2009 азӕй фӕстӕмӕ. Спортивон мадзал арӕзт цӕуы Хуссар Ирыстоны раздӕры хицауады сӕрдар, компаниты къорд "Амонд"-ы разамонӕг Хуыгаты Ростикы хӕрдзтӕй.
Ацы аз турниры архайдтой Дзау ӕмӕ Знауыры командӕтӕ, горӕт Къуаиса, Дзауы уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты къорд, Дзӕуджыхъӕуы командӕ, горӕт Цхинвал бавдыста цыппар сконды - уыдонӕй дыууӕ хъахъхъӕдтой ХИПУ-йы спортивон кад, дыууӕ та шахматон скъола "Белая ладья"-йы.
В Южной Осетии завершился турнир по шахматам
© Photo