Хуссар Иры Ленингоры районы аскъуыддзаг кодтой доны проблемæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы сног кодтой нуазыны донифтонгад æххæст бæрцæй, фехъусын кодтой районы пресс-службæйы.
Районы цæрджытæн цалдæр боны дæргъы уыд проблемæтæ донимæ.
"Ссыгъдæг кодтам бассейнтæ, цы ран дон цæуы фильтраци. Абоны бон дон цæуы районы цæрджытæм æххæст бæрцæй", - загътой пресс-службæйы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Битарты Мамукайы ныхæстæ.
Бассейнтæ нæ сыгъдæг кодтой 2012 азæй фæстæмæ, проблемæ аскъуыддзаг кодтой районы къухдариуæгады æмархайдæй.