Ирон фысджытæ. Джиоты Дауыт

Sputnik
"Адæм, дæ хъæбул дæн æз", - ахæм хъуыдытимæ фæцард, ахæм хъуыдытимæ амард зынгæ ирон советон фыссæг, нæ поэзи, прозæ æмæ драматургийы зынгæ фæд чи ныууагъта, уыцы куырыхон лæг Джиоты Дауыт.
Хъысмæт æвыдæй нæ ныууагъта Джиоты Дауыты. Дауыт куы райгуырд, йæ къахыл цæуынхъом куы фæцис, æвзонг лæппу йæ уæнгтæ куы айвæзта, уæд йæ фыд Антъон, æвæццæгæн йæ рихиты бын бахудт æмæ сæрыстырæй йæхицæн загъта: "Гайлаг рæуæдæй бæрæг у…".
Уый раст у, фæлæ махæй арæх байрох вæййы иу хъуыддаг: цард мæнгард у, цард фæливæг у, тæбæгъы донау къулгæнаг у, арæх лæгæн йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадын кæны.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.