Хуссар Иры столицӕйы централон уынгтӕ сфӕлынддзысты Ног азмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы централон уынгтӕ сфӕлынддзысты Ног азмӕ, фехъусын кодта Sputnik Паддзахадон унитарон куыстуат "Ир-дизайн"-ы хистӕр Кокойты Роман.
"Ногазон фӕлыст райсдзысты Сталины уынг, Харебаты Исахъы уынг ӕмӕ Путины уынджы иу хай", - загъта уый.
"Ир-дизайн"-ы кусджытӕ ацы бонты бавнӕлдтой театралон фӕзуаты сӕйраг Наз бӕлас ӕвӕрынмӕ.
"Ӕртӕ боны ӕмгъуыдмӕ йӕ сцӕттӕ кӕндзыстӕм. Сфӕлынддзыстӕм ӕй ног хъазӕнтӕй дӕр. Ацы наз бӕлас ныр лӕууы цыппӕрӕм азы",- загъта Кокойты Роман.