Белгороды областы æрыппæрстой цыппар америкæйаг ракетæйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 дек – Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, кæй скуынæг кодтой цыппар америкæйаг ракетæ HARM Белгороды областы.
"Белгороды областы уæлдæфон тыгъдады æрыппæрстой цыппар америкæйаг ракетæ HARM", - бафтыдтой уагдоны.
Афтæ ма уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ æрыппæрстой аст украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты ЛАР, ДАР, Запорожаг æмæ Херсоны областты, уымæй дарддæр залпон æхсты реактивон системæ HIMARS-ы æхсæз сармадзаны.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 344 хӕдтӕхӕджы, 184 вертолеты, 2684 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 398 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 7159 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 931 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3691 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 7664 иуӕджы.