Дзæуджыхъæуы тымбыл фынгыл æрдзырдтой æхсæнады социалон проблемæтыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 дек - Sputnik. Дзæуджыхъæуы адæмты хæларады Хæдзары ацыд тымбыл фынг æхсæнады социалон проблемæты фарстыты фæдыл. Уый тыххæй хъусын кæны телеканал "Осетия-Ирыстон"
Тымбыл фынгыл æрдзырдтой ахæм темæтыл, куыд компьютерон клубтæ, кальян дымæн уагдæттæ, хъæзæн автоматтæн фæзуаттæ æмæ брокерон конторæты архайдмæ цæстдард.
Рахастæуыд скъуыддзаг, цæмæй æхсæнадон архайджытæ, полици æмæ администрациимæ иумæ ауадзой рейдтæ хисæрмагонд уагдæтты, кæцытæн ис негативон æдæвдад æхсæнадмæ.
Тымбыл фынджы организатортæ уыдысты республикæйы Мидхъуыддæгты министрад, Хетæгкаты Къостайы номыл зонадон-культурон центр, Дзæуджыхъæуы æхсæнадон совет, æхсæнадон организацитæ.