Хуссар Иры ацæугæ къуырийы авариты фæстиуæгæн бахъыгдард сты æртæ адæймаджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ фехъусын кодтой, ацæугæ къуырийы республикæйы регистрацигонд кæй æрцыд æртæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæтиуæгæн бахъыгдард сты æртæ адæймаджы.
Уымæй дарддæр ма фæндагон æдасдзинадмæ хъусдарыны рæстæджы рабæрæг ис фæндагон змæлды 237 фæткхалды. Æртæ хæдтулгæйы шофыры фæдыл сарæзтой протоколтæ автотранспорт расыгæй скъæрыны тыххæй.
Афтæ ма 12-19 декабры республикæйы территорийыл сбæрæг ис иу фæткхалд, кæцы раргом кодтой мидхъуыддæгты министрады органтæ. Алыхуызон фæткхæлдты тыххæй дзуапп æрдомдтой цалдæр адæймагæй.