Цæгат Иры Роспотребнадзоры сæргълæууæг: грипп æмæ КРВИ рынчынты нымæц фæкъаддæр ис

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 дек – Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæйраг санитарон дохтыр Тыбылты Алан радзырдта, сывæллæтты ᾿хсæн грипп æмæ КРВИ рынчын кæныны арæхад кæй фæкъаддæр ис. Уый тыххæй хъусын кæны 15-æм Регион.

"Сывæллæты ᾿хсæн КРВИ низфæзынд ацæугæ къуыри уыд 13 проценты. Раздæр уыд 76 проценты", - загъта Тыбылты Алан хицауады уынаффæйы æмбырдыл.

Уый банысан кодта, мониторингты фæстиуджытæм гæсгæ уынаффæ кæй рахæсдзысты скъолатæ æмæ скъолайы агъоммæ уагдонты куыстурæды тыххæй.
КРВИ низ æвзæрынгæнæджы мониторинг равдыста ацы штамм 2009 азы кæй у, бафтыдта цæгатирыстойнаг Роспотребнадзоры сæгълæууæг.