Ирон фысджытæ. Ардасенты Хадзыбатыр

Sputnik
Цард – адджын, фæлæ цыбыр. Ничи дзы бафсæст цæрынæй. Фæдзурæм ма афтæ дæр, зæгъгæ, цард мæнгард у, æгъатыр. Йæ митæ хъызтбонау – фæлывд. Афтæ куынæ уаид, уæд бирæты æнæрæстæджы адзалы фæндагыл не ‘рвитид, сæ бакæнинаг хъуыддæгтæ æрдæгыл нæ заиккой. Фæлæ хъыхъагæн афтæ у цард…
Хадзыбатыр уыдис курдиатджын поэт, арæхстджын тæлмацгæнæг, курыхон зонадон кусæг. Æмæ цы?.. Баззадысты æрдæгыл йæ егъау нывæстытæ, атыдта йæ æнæрæстæджы æгъатыр низ, нæ бафсæст йæ адæмы цинæй, Ирыстоны алæмæттаг æрдзы рæсугъддзинæдтæй.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.