Ирон фысджытæ. Плиты Грис

Sputnik
"Зæззыл ис иу Хуыцау – рæстдзинад. Ды иунæг уымæн дæ цагъар". Ахæм хъуыдыйыл хæст уыдис, ирон советон зынгæ поэт, драматург, арæхстджын тæлмацгæнæг, Фыдыбæстæйон хæсты азты салдаты цырыхъхъыты тохы фæйлауæнтыл чи фæцыд, уыцы сау лæппу Плиты Грис.
Плиты Грис у, 30-æм азты ирон литературæмæ цы æвзонг курдиатджын фæлтæр æрбацыд, уыдонæй.
Уæззау æмæ гуыргъахъ фæндæгтыл рацыдис Плиты Грис. Æвзонгæй йæм æрхауд фыййауы лæдзæг, федта царды змæстытæ – мидхæсты азты тугуарæнтæ, федта цы стыр тохтæ уыд революцийы сæрыл. Уыдта, фæлæ сæ кæронмæ кæм æмбæрста, уыдта, фæлæ дзы хайад райсынхъом нæ уыд.
Грис райгуырд Астæуккаг Ручъы 15 октябры 1913 азы мæгуыр зæхкусæг лæджы хæдзары. Йæ фыд Дзамболат зæххъуаг, цыбыркъух лæг уыд.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.