ЦХИНВАЛ, 20 дек – Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæ пленарон рабадтыл райста закон, кæцы æрбаиу кодта Георгиаг лентæтæ æфсæддон кады символтæм, уымæ гæсгæ уыдон фехалыны фæдыл уыдзæн 5 милуан сомы бæрц ивар кæнæ фондз азы онг ахæст. Уый тыххæй фыссы РИА Новости.
Ныры законадмæ гæсгæ, æфсæддон кады символ фехалыны тыххæй юридикон гоймæгтæм æнхъæлмæ кæсы ивар 3-йæ 5 милуан сомы онг, физикон гоймæджы максималон ивар та у 3 милуан сомы онг ивар кæнæ æртæ азы онг ахæст.
Ацы законы фæдыл хъæппæрис бахастой "Единая Россия"-йы генералон советы секретарь Андрей Турчак æмæ Паддзахадон Думæйы граждайнаг æхсæнады райрæзты фæдыл комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Ольга Занко.